Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы `хсæн арæн 31 августы онг уыдзæн æхгæд
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы `хсæн арæн 31 августы онг уыдзæн æхгæд. Ахæм уынаффæ рахастой Хуссар Ирыстоны оперативон штабы æмбырды. Сæрмагонд бадзырд бафысдзысты хицауады уæнгтæ. Раздæр уадзæн пункт «Рукъ»-ы сæрты ахизыны бар нæ уыд 31-æм июлы онг. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ арæзт цæуынц, цæмæй низ республикæйы ма парахат кæна. Фыццаджыдæр цæрджыты æдасдзинады тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Хуссар Ирыстоны арæн сæхгæдтой ацы аз мартъийы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы `хсæн арæн 31 августы онг уыдзæн æхгæд
Категория:
Новости и СМИ