Фыййагдоны байгом футболæй хъазынæн фæз
Фыййагдоны спортуарзджытæ сæ тыхтæ фæлварынц ног аив кæрты. Ахæм фадат сын фæзынд республикæйы хицауад æмæ хæрзгæнæджы æххуысæй. Фæсивæд ныр æппынæдзух хъазынц футболæй. Расидынц турниртæ дæр. Фæлæ спортивон фæз кæронмæ арæзт не 'рцыд. Ацы стадионы арæзтадмæ Фыййагдоны фæсивæд рагæй æнхъæлмæ каст. Æмæ дзæгъæлы нæ. Æрæджы спортуарзджытæн поселоччы байгом егъау æмæ аив кæрт. Респубикæйы хицауад æмæ хæрзгæнæджы æххуысæй фæсивæдæн фадат ис спорты алы хуызыты. Уыимæ ма дзы аразынц футболон турниртæ дæр. Цъæх фæлыст дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн. Проектмæ гæсгæ ма дзы фæзындзæн бадæн бынæттæ, спортивон корт, дзаумæттæ ивæн уаттæ. Уыимæ ма йын саив кæндзысты йæ алфамблай. Гом арвы бын спортивон фæзы арæзтад та бынæттон цæрджытæн у уæлдай æхсызгон. Арæзтад кæд кæронмæ фæхæццæ кæны, уæддæр ма дзы ис лыстæг куыстытæ. Уыдонæн, æмткæй райсгæйæ, фæрæзтæй хъæуы 7 милуан соммæ ввахс. Бынæттон цæрджытæ æмæ спортсментæ зæрдæ дарынц, спорты райрæзтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон се 'ргом кæй раздахдзысты, ацы фарстамæ. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыййагдоны байгом футболæй хъазынæн фæз
Категория:
Новости и СМИ