Сывæллæтты театр «Саби»-йы бындурон цалцæг кæронмæ æрхæццæ кæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Ног сценæ, нырыккон аппаратурæ æмæ райдзаст бахизæн. Театр «Саби»-йы æрцыд ивддзинæдтæ æмæ йæ ныр зынтæй базонæн уыдзæн. Кæронмæ фæвæййы бæстыхайы рацарæзт. Бындурон цалцæг райдыдта 2018 азы. Февралы кæрон театры труппæ фæнд кæны Нарты кадджытæм гæсгæ æвæрд спектакль равдисын. Театры кусджытимæ фембæлд нæ уацхæссæг. Бакæсæм йе `рмæгмæ. Театры равдыстытыл цин кæныны фадат ныр фылдæр адæмæн уыдзæн. Залы бынæттæм бафтыдтой 40. Уæдæ нырыккон ифтонггæрзты руаджы артистты хъæлæстæ залы ноджы хуыздæр зæлдзысты. Декорацитæ та иу иннæйы фæдыл ивдзысты кæрæдзи спектаклы рæстæг. Уый тыххæй сценæйыл сæвæрдтой сæрмагонд механизм. Залæй уæлдай, ногдзинæдтæ ис театрмæ æрбацæуæны æмæ хицауады агъуыстыты. Бæстыхайы фæзынд конференц-зал дæр. Пъадвал раздæр заууат уавæры уыд. Ныр йæ бынаты ис сфæлдыстадон æрмадз. Хуыйынц дзы куклатӕ æмæ сæ уæлæдарæс. Химæзилæн бынæттæ кæй фæзынд театры, уый та артисттæн уæлдай æхсызгон у. Сӕйраг  бацæуæн дæр йæ хуыз скалдта. Сног æй кодтой, архивы 20-æм азтæй цы къамтæ баззад, уыдонмæ гæсгæ. Бæстыхайы историон бакаст бахъахъхъæнын уыд сæйраг хæстæй иу. Культурæйы уагдон сног кодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрмагон федералон программæйы фæлгæты. Уымæ гæсгæ 4 азмæ театр «Саби»-йæн бантыст рахай кæнын 48 милуан сомы. Йæ райрæзтæн ма ацы аз фæнд кæнынц 14 милуан сомы схардз кæнын. Афтæмæй театры фæзынндзæн камерон зал. Программæ цалынмӕ кусы, уӕдмӕ  театрæн фæфылдæр сты йæ аивадон гæнæнтæ дæр. Дыууæ азмæ уыдысты 9 гастролон балцы. Кæд сын раздæр æрмæст Цæгат Ирыстоны районтæм ацæуыны фадат уыд, уæд ныр сыхаг республикæтæм дæр араст вæййынц. Уæрæх кæны репертуар дæр. Ныртæккæ ма театры техникон гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнын хъæуы. Куыстытæ фæуыдзысты аыӕдзы дæргъы. Тагъд рæстæджы ноггонд театр æрыгон аивадуарзджытæн йæ дуæрттæ байгом кæндзæн. Февралы кæронмæ цæттæ кæнынц премьерæ — Нарты кадджытæм гæсгæ æвæрд спектакль. Æмæ та «Саби»-йæ ногæй сабиты хъæлдзæг худт райхъуысдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv