Дарддæр цæуы медицинон кусæгæн цыртдзæвæн сæвæрыны хуыздæр проекты æркаст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы медицинон кусæгæн цыртдзæвæн сæвæрыны хуыздæр проекты æркаст. Аразы йæ нæ республикæйы архитектурæ æмæ горæтарæзтады комитет. Аразынвæнд æй кæнынц, коронавирусы ныхмæ цы дохтыртæ тох кодтой, уыдоны номыл. Сидынц скульптортæм, архитектортæм, нывгæнджытæм, дизайнертæм. Курдиат ныууадзæн ис 8 июлæй 8 сентябры онг. Уæлахиздзауы æхцайы фæрæзтæй схорзæхджын кæндзæн хæрзаудæн фонд «Иристон». Хатдзæгтæ скæндзысты 16-æм сентябры. Курдиат ныууадзæн ис сæрмагонд адрисмæ гæсгæ Ватутинæйы номыл уынджы 17-æм хæдзары. Виктория Акипова, РЦИ-Аланийы архитектурæ æмæ горæтарæзтады комитеты сæрдары хæдивæг: «Архайджытæ хъуамæ сæ курдиæттæ сæхæдæг æрбахæссой ардæм, архитектурæ æмæ горæтарæзтады комитетмæ. Нæ адрис Ватутинæйы номыл уынг 17-æм хæдзар. Сæ бон у сæ проект электрон хуызы дæр æрбарвитын сæрмагонд сайтмæ. Фæлæ æркасты уагæвæрдтæм гæсгæ, хъуамæ равдисой сæ проекты эскиз. Хатдзæгтæ скæндзысты 16-æм сентябры». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дарддæр цæуы медицинон кусæгæн цыртдзæвæн сæвæрыны хуыздæр проекты æркаст

Категория:

Новости и СМИ