Аппаратон æмбырды фæлгæты РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло æрдзырдта ахсджиаг фарстатыл
Хæстæгдӕр дыууæ бонмæ цæттæ уыдзысты туаггуыры станцæты проекттæ. Æрбынæттон уыдзысты нæ республикæйы 4 медицинон уагдоны. Цæттæгæнæн куыстытæ ныридæгæн æххæстгонд цæуынц. Кусæнгæрзтæ дæр тагъд рæстæджы фæзындзысты. Æдзырдтой ма туаггуыры заводы арæзтадыл. Ныридæгæн ныхас цæуы инвестор æмæ гæрзтæй ифтонггæнæгимæ Мæскуыйы. Уымæй уæлдай-э ма рӕвдз кæнынц бынат. Уый хыгъды сæргълæууæг бахæс кодта бацæттæ кæнын заводы арæзтад æмæ йӕ скусыны график бацæттæ кæнын. Æхсджиаг фарстатæй ма иу - Паддзахадон академион ансамбль «Алан» -ы хъысмæт. Бындурон цалцæджы рæстæгмæ уал сæ бынат раивдзысты кафджыты къорд «Дети Гор» -ы бæстыхаймæ. Уыимæ сæм фидæны уыдзӕн гастролты фæлгæты 42 концерты. Куыст цæуы бæхты театр «Нарты»-йы бæстыхайы арæзтадыл дæр. Ныридæгæн уал проекты техникон хæстыл бакусдзысты. Республикæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, куыстытæ хъæуы бакæнын цыбыр 'мгъуыдмæ æмæ, куыд æмбæлы, афтæ. Республикæйы бындуронæй сцалцæг кæндзысты 63 скъолайы. Уымæн паддзахадон программæ «Развитие образования»-йы фæлгæты рахай кодтой 3, 5 миллиард сомы. Уый фæрцы сног кæндзысты ахуыргæнæн уагдæтты ифтонгад, хæрæндæттæ та нырыккон уагмæ гæсгæ рацараздзысты. Дзырдæн, регионы скъолатæй бындурон цалцæггæнæн куыстытæ кæм цæуой, уым куыстытæ кæронмӕ æххæстгонд æрцæудзысты 2026 азы онг. Æрæджы Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллинæй амындимӕ ацыд оперативон штабы æмбырд. Уым ивгъуыд азы национ проектты æххæст кæныны куыстæн хатдзæгтæ скодтой. Снысан кодтой фидæны нысæнттæ. Уый хыгъды федералон программæты архайд цæрæнуæттæэы коммуналон хæдзарады къабазы. Ацы аз Алагиры районы рацараздзысты дондзæуæн системæ. Куыстытæ цæудзысты программæ «Чистая вода»-йы фæлгæты, арæзт уыдзысты æртæ къæпхæнæй. Ныридæгæн уал проектон-сметон документаци æмæ экспертизæ сты цæттæ. Æрдзырдтой ма, Уæрæсейы президенты Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фæдыл уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Нысангонд æмгъуыдæй фæстæдæр аззадысты. Ис дзы срастгæнинæтæ, бакусинæгтæ. Райсом арæзт æрцæудзæн æмбырд, уым сӕ куыстæн хатдзæгтæ скæндзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv