Дзæуджыхъæуы регионалон ресурсон центры бындурыл байгом клуб «МыВместе», зæгъгæ
Дзæуджыхъæуы регионалон ресурсон центры бындурыл байгом клуб «МыВместе», зæгъгæ. Йæ сæйраг нысан бархионты змæлды райрæзтыл бакусын. Мартъийы ма ахæм клуб байгом, коронавирусы низ куы апарахат, уæд. 2020 азы июны Уæрæсейы Президент Владимир Путин ацы фæнд банымадта хорзыл. Цæгат Ирыстоны ацы акцийы архайджытæ систы Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ, бархионтæ. Клубы архайджытæ скодтой сæрмагонд пълан проект райрæзын кæныны хъуыддагӕн. Сæйрагдæр уыдзæн æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг баххуыс кæнын ветерантæ æмæ хистæр кары адæмæн. 4 мæймæ клубы архайджытæ балæууыдысты республикæйы 19 мин цæрæджы фарсмæ. Архайдта дзы 580 бархионы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы регионалон ресурсон центры бындурыл байгом клуб «МыВместе», зæгъгæ
Категория:
Новости и СМИ