Цæрæн хæдзæртты аргъ Цæгат Ирыстоны фæкъаддæр
Цæрæн хæдзæртты аргъ Цæгат Ирыстоны фæкъаддæр. Портал РИА Новости-йы иртæстыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Уæрæсейы хæдзар балхæнæн сси æнцондæр. Рæстæмбис хатдзæгтæм гæсгæ хуымæтæг фатер балхæнынæн æхца æмбырд кæнын хъæуы 4 азы æмæ 6 мæйы. Фарон уый тыххæй æхца фæстауæрц кæнын хъуыд 5 азы. Фыццаг квартАлы хатдзæгтæм гæсгæ, кæм цардысты, ахæм фатерты аргъ фæфылдæр 5,9%. 23 регионы квадратон метры рæстæмбис аргъ æрхауд, уыимæ 60 субъекты та фæзынаргъдæр. Æппæты асламдæр квадратон метр у Цæгат Ирыстоны æмæ Адыгейы. 2020 азы квадратон метры аргъ фыццаг кварталы нæ республикæйы æрхауд 9,4% Адыгейы 9,1%. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæрæн хæдзæртты аргъ Цæгат Ирыстоны фæкъаддæр
Категория:
Новости и СМИ