Дзæуджыхъæуы 39 аздзыд цæрæджы æрцахстой, горæты бирæуæладзыгон хæдзæртæй давгæ кæй кодта, уый тыххæ
Дзæуджыхъæуы 39-аздзыд цæрæджы æрцахстой, горæты бирæуæладзыгон хæдзæртæй давгæ кæй кодта, уый тыххæй. Азымджын æй кæнынц, 3 фатермæ кæй бабырыд æмæ сæ кæй рафистæг кодта, уый тыххӕй. Радон хатт йæ давды фæдыл бахъаст кодта хæдзары хицæуттæй иу. Сылгоймаг куыд радзырдта, афтæмæй цалынмæ уый фатеры нæ уыд, уæдмæ æнæзонгæ адæймаг рудзынгӕй бахызт æмæ дзаумæттæ адавта. Ахæм хъæстытæ ма барадхъахъхъæнджытæм бахастой горæты дыууæ цæрæджы. Закъонхалæг давынвӕнд куы скодта, уæд уыцы рӕстӕг цӕрджытӕ хæдзары уыдысты, ӕмӕ давæг фæтарст. Слестгæнджытæ афтæмæй нæлгоймагæн ссардтой йæ 'нгуылдзты фæдтæ. Сæрмагонд базæйы сæ куы рауагътой, уӕд рабæрæг, давӕг раздæр тæрхонгонд кӕй уыд, уый. Пъæлицæйæгтæ йæ фæд-фæд рацыдысты æмæ йæ æрцахстой. Закъонхалæг йæ аххосыл басаст. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй давынмæ цыди нозтджынæй. Йæхи цы мулк бакодта, уый барадхъахъæнджытæ фæстæмæ байстой, йæ ныхмæ та байгом кодтой уголовон хъуыддаг, Уголовон Кодексы 158 уацы 3-æм пунктмæ гæсгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 39 аздзыд цæрæджы æрцахстой, горæты бирæуæладзыгон хæдзæртæй давгæ кæй кодта, уый тыххæ
Категория:
Новости и СМИ