Суададжы бындуронæй цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар
Аивадмæ Суададжы æмхиц чи у, уыдонæн тагъд рæстæджы фæзындзæн ног уавæртæ. Хъæуы астæу цы культурæйы хæдзар ис, уым кæнынц арæзтадон куыстытæ. Рагæй сæм æнхъæлмæ кастысты Суададжы цæрджытæ. Æргомæй зæгъгæйæ, бæстыхайы къултыл аразæг йæ къух 30 азмæ `ввахс никуы `суагъта. Æмæ уыцы рæстæгмæ бынтон ныззаууат. Республикæйы разамынды уынаффæйы фæстæ йыл кусын райдыдтой. Не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ ныууадысты Суадагмæ æмæ сæхæдæг федтой, хъæуы клуб куыд рацараздзысты, уый. Афтид къултæ, ахорæнты тæф æмæ кусджыты змæлд. Суададжы клуб йæ сарæзтæй нырмæ бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Ууыл та рацыд 30 азы чысыл цухæй. Бæстыхайæн аив кæнынц йе `ддаг бакаст, фидар кæнынц къултæ, клубы сæр æмæ цар. Кабинетты ногæй сифтонг кæндзысты, бауадздзысты сæм интернет. Куыстытæ хъуамæ фæуой сæрды райдианмæ. Нырма уал сценикон уæлæдарæс, музыкалон инструменттæ æмæ æндæр ахæм дзауматæ сты бынæттон скъолайы. Аразынц дзы сфæлдыстадон изæртæ, кæсынц æмдзæвгæтæ. Сывæллæттæ æмæ галуаны кусджытæ æнхъæлмæ кæсынц цалцæггонд бæстыхаймæ. Культурæйы хæдзары ма ис чиныгдон. Чингуытæ æмæ журналтæ уал раластой æмæ сæ хъахъхъæнынц цæстыгагуыйау. Къаболаты Альмæ сæм бæстонæй кæсы. Зоны, чи дзы кæцы тæрхæгыл æвæрд ис, уый. Бахъуаджы рæстæг æй сывæллæттæ хуымæтæджы нæ бацагурынц. Суададжы культурæйы хæдзар хæссы Хуытыгаты Хъазыбеджы ном. Ирон хъуыстгонд зарджытæн æмдзæвгæтæн фыссæг райгуырд ацы хъæуы. Йæ цард снывонд кодта сфæлдыстадон куыстæн. Куыста дикторæй радио æмæ телеуынынады. Рауагъта йе `мдзæвгæты æртæ чиныджы. Ныр дзы чи кусдзæн культурæйы артдзæсты, уыдонæн дæр сæ зындгонд æмзæххоны кадыл кад æфтауынæн уыдзæн ног уавæртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Суададжы бындуронæй цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар
Категория:
Новости и СМИ