Цæлыччы байгом ног скъола 200 ахуыргæнинагæн
Цæлыччы кадджын уавæрты байгом кодтой ног скъола. Бынат дзы ис 200 сывæллонæн. Ахуыргæнæндон дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Ифтонггонд у æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй. Фæзынд ма дзы уæлæмхасæн ахуырады центр «Точка роста» дæр. Уыимæ ма скъолайы фидæны фæзындзæн кадетон кълас дæр. Æхсызгон мадзалы тыххæй бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Цæлыччы хъæуы цæрджытæн ахсджиаг лæвар. Ног ахуыры аз ног скъола йæ дуæрттæ байгом кодта 200 скъоладзауæн. Цин кæнынц куыд фыццагкъласонтæ, афтæ хистæр кълæсты ахуырдзаутæ дæр. Сывæллæттæн арфæйы ныхæстæ загътой ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ æмæ арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин. Мæрзойты Викæ æртыккæгæм къласмæ бахызт. Чызг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ каст ног скъолайы фембӕлынмӕ йæ уарзон æмбæттæ æмæ æмкъласонтимæ. Æнхъæлмæ кастысты ацы бонмæ Цæлыччы скъолайы ахуыргæнджытæ дæр. Марина Зипцева ныр 30 азæй фылдæр кусы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтӕмӕй ныр райдзаст, ног цалцæггонд кълæсты сывæллæттæн æмбæлгæ зонындзинæдтæ дæттын уыдзæн æнцондæр. Скъола æххæст у, нырыккон домæтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй, сног ис ахуырадон- материалон базæ дæр. Фæзынд дзы уæлӕмхасæн ахуырады центр «Точка роста» дæр. Уымæй уæлдай ма сын ныр ис спортивон фæз дæр, хæрæндон æмæ актон зал. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ фæстаг аз, цалынмæ скъола арæзтой, уæдмæ сывæллæттæ ахуыр кодтой культурæйы бынæттон хæдзары. Ног скъолайы арæзтадон куыстытæ æххæстгонд цыдысты федералон проект «Нырыккон скъола» национпроект «Ахуырад»-ы фæлгæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv