Дзæуджыхъæуы ацыд тхэквондойæ республикон чемпионат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

4 года назад

Æрыгæттæ, уыимæ ма æнтыстджынтæ. Дыууæ сæдæмæ ввахс æрыгон спортсмены бацархайдтой республикон чемпионаты тхэквондойæ. Фæсивæд сæ тыхтæ не 'вгъау кодтой. Хуыздæртæ нæ республикæйы ном бахъахъхъæндзысты Уæрæсейы чемпионаты. Æртыккаг æмæ кæронбæттæны ныхмæлæуд. Сызгъæрин майдан рамбулынæн хъæуы фæстаг тыхтæ раттын. Ерыстæм афæдзы дæргъы йæхи цæттæ кодта Чертхъоты Дианæ дæр. Чызг бирæ рæстæг йæхи кафты кæй фæлвæрдта, уый ныр зæгъæн у. Ныр æнæ тхэквондойæ йæ цард уынгæ дæр нал кæны. Ерыстæ æрбамбырд кодтой дыууæ сæдæ спортсменæй фылдæр. Сæ хуыздæрты дарддæр арвитдзысты Уæрæсейы чемпионатмæ. Алы спортсмен дæр архайы йæ цæттæдзинад хуыздæр равдисыныл. Тырнынц уæлдæр æмвæзадыл турниры бацархайын. Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ кæнынмæ æрбахуыдтой Цæгат Кавказы Федералон зылды тренертæ æмæ профессионалон спорсменты. Ныхмæлæууд фембæлдмæ та лæмбынæг кæсынц сæ ахуыргæнджытæ. Ныфс, арæхстдзинад æмæ тых. Сабитæм ацы миниуджытæ рæзын кæныныл тренертæ архайынц фыццаг ахуыртæй фæстæмæ. Тхэквондойæ республикæйы чемпионат цыд иу бон. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджынгонд æрцыдысты майдантæ æмæ Кады гæххæттытæй. Ерыстæ бацæттæ кодтой тхэквондойæ спортивон центр æмæ республикæйы физкультурæ æмæ спорты минситрады хъæппæрисæй. Гуырысхойаг нæу, ахæм мадзæлтты руаджы æрыгон тхэквондисттæ æнтыстджындæр кæй кæнынц. Æнæмæнг сæ къухы бафтдзысты фылдæр уæлахизтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv