Цæгат Ирыстоны райдыдта æфсæддон техникон форум «Ӕфсад 2021»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Абон Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтадæмон æфсæддон техникон форум «Ӕфсад-2021». Уазджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Æфсæддон техникæимæ фæзтæ. Се 'хсæн куыд хъуыстгонд, афтæ ног хуызтæ дæр. Тематикон экспозицитæ, республикæйы æрмдæсныты куыстытæ. Форум бабæрæг кодта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Равдыст ахæсдзæн 29-æм августмæ. Æфсæддон техникæ фенын у алкæй бон дæр. Фæзтыл уыйбæрц техникæ ис, æмæ сыл цæст не 'ххæсы. Се 'ппæт фенынмæ хъæуы цалдæр сахаты. Мадзалмæ саккаг кодта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Регионы разамонæг йæ цардæй цыппор азы снывонд кодта гæрзифтонг тыхтæн. Уæрæсейы æфсæды хъару йӕхӕдӕг бавзӕрста куысты мидӕг. Сергей Меняйло æфсады службæ ныууагъта 8 азы размæ, фæлæ йын ныридæгæн дæр ис иттæг хорз ӕмӕ хъӕддых бакаст. Форум у цымыдисаг æмæ хъæздыг. Сыхауиæг дзы кæнынц куыд раздæры, афтæ нырыккон техникæйы æмæ хæцæнгарзы хуызтæ. Сæ фылдæр сты, дунейы æмбал кæмæн нæй, ахæмтæ. Уыимæ ма тематикон экспозицитæ, республикæйы хуыздæр æрмдæсныты куыстытæ æмæ спортивон ерыстæ. Мадзалмæ æрбацæуджыты фылдæр цымыдис кæны æфсæддон техникæ. Алы иуæджы раз дæр техникæйы гæнæнты тыххæй хъæугæ информаци. Сывæллæттæн цымыдисаг у æфсæддон хæтулгæты кабинæйы абадын. Гыццыл дарддæр апарахат сты хæстон нывтæ. Ӕфсæддонтæ ныхкъуырд лæвæрдтой знагæн, къуырдтой ныхмæлæууæджы хæдтæхджытæ. Суанг ма дзы танкты вальс фенæн дæр уыд. Мадзалы уазджытæ уæлдай тынгдæр бацин кодтой æфсæддон авиацийыл. Арвыл фенæн уыд æфсæддон вертолеттæ МИ-28, МИ-24 æмæ æндæртæ. Кæронбæттæн та, куыд æмбæлы, афтæ æфсæддон хæрæндон æмæ экологон æгъдауæй сыгъдæг продукттæ бынæттон куыстуæттæй. Форум «Ӕфсад-2021» Цæгат Ирыстоны арæзт цæуы æртыккаг хатт. Ацы аз рауад егъаудæр. Бабæрæг кæнæн æй ис, кæй фæнды, уыдонæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv