Мадæлон капиталы сертификаттæ ис хистӕр сывӕллӕтты уӕлдӕр ахуырадæн схардз кӕнӕн
Уӕрӕсейы Пенсион фонд мадæлон капиталы тыххӕй сертификатты хицӕутты зӕрдыл лӕууын кӕны, уыцы паддзахадон ӕххуысы хай хистӕр сывӕллӕтты уӕлдӕр ахуырадæн схардз кӕнӕн кӕй ис, уый. Бæлвырддæр дзургæйæ, сертификаты фӕрӕзтӕ уыцы нысанӕн схардз кӕнӕн ис, документ цы сывӕллоны номыл лӕвӕрд у, ууыл 3 азы куы сӕххӕст уа, уӕд. Уыимӕ, бинонтæ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндонмӕ кӕй арвитынвӕнд скодтой, уый 25 азӕй хистӕр хъуамӕ ма уа, ахуырмӕ бацӕуынмӕ кӕдӕм хъавынц, уый та хъуамӕ уа Уӕрӕсейы. Пенсион фонды бӕрӕггӕнӕнтӕм гæсгæ, ацы хъуыддагæн мадæлон капиталы фӕрӕзтӕ схардз кодтой 1674 цӕгатирыстойнаг бинонтӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мадæлон капиталы сертификаттæ ис хистӕр сывӕллӕтты уӕлдӕр ахуырадæн схардз кӕнӕн
Категория:
Новости и СМИ