Цæгат Ирыстоны covid æй чи фæрынчын, уыдоны нымæц у 3 197
Цæгат Ирыстоны covid-æй чи фæрынчын, уыдоны нымæц у 3 197. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 46 адæймаджы. 2 527 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтӕн медицинон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнынц дохтыртӕ. Лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы, рынчынтӕ хӕстӕг кӕимӕ ӕмбӕлыдысты ӕмӕ ныхас кӕимӕ кодтой, уыдонмӕ дӕр. Æдæппæтæй covid -ы аххосæй республикæйы фæмард 58 адæймаджы. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 842 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та - 7 326 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны covid æй чи фæрынчын, уыдоны нымæц у 3 197
Категория:
Новости и СМИ