Пандемийæйы рæстæг фабрикæ «Одежда» йæ куыст нæ баурæдта
Хуыйджыты фабрикæ «Одежда»-йæн ис хъæздыг истори. Кусы 1927-æм азæй абонмæ. Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг фабрикæ ифтонг кодта дарæсæй адæмы. Ныртæккæ кондады хайады фæллой кæны 30 адæймаджы. Хуыйынц сæрмагонд уæлæдарæс нæ бæстæйы алы регионтæн, скъоладзауты уæлæдарæс. Уымæй уæлдай ма, фабрикæ стыр æххуыс кæны нæ республикæйæн коронавирусы инфекциимæ тох кæныны дæр. Куыстуат архайы, цæмæй республикæйы медицинон куыстуæттæ ифтонггонд уой хъахъхъæнæн костюмтæ æмæ маскæтæй. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Цæмæй дзаума сцæттæ уа, уый тыххæй йыл бирæ куыст ис. Фыццаг уал дарæскæрдджытæ хъуымацыл скæнынц нывтӕ. Уый фæстæ йæ скæрдынц раст дæргъ æмæ уæрхыл. Карст хæйттимæ та кусын райдайынц хуыйджытæ. Уыдонæй дæр алкæмæндæр ис йæхи хæс. Цавæр дарæс у, уымæ гæсгæ, иутæ дзыппытæ хуыйынц, иннæтæ дыстæ, чи та æфцæггот. Афтæмæй æрæмбырд кæнынц цæттæ дзаума. Хуыйджыты фабрикæйæн ис хъæздыг истори. Кусы 1927-æм азæй абонмæ. Ныртæккæ фабрикæйы хуыйынц скъоладзауты æмæ алыхуызон куыстуæтты сæрмагонд уæлæдарæс. Кондады хайады фæллой кæнынц 30 адæймаджы. Фабрикæйы куысты бæрæггæнæнтæ азæй-азмæ бæрзонддæр кæнынц. Фабрикæ стыр æххуыс кæны нæ республикæйæн коронавирусы инфекциимæ тохы рӕстӕг дæр. Йæ кусджытæ апрелы кæронæй фыдæбон кæнынц æнæрлæугæйæ. Куыстуат архайы, цæмæй республикæйы медицинон уагдӕттӕ ифтонггонд уой хъахъхъæнæн костюмтæй. Ныридæгæн бахуыдтой 15 000 халаты, 30 000 маскæйы æмæ 15 000 хъахъхъæнæн комбинезоны. Куыстуат ныр дæр республикæйы аптекæтæ ифтонг кæны маскæтæй. Æрмæс ноябры бахуыдтой 4 500. Хуыйæг иу бонмæ бахуыйы 200 маскæйы онг. Уалдзæджы пандемийы рæстæг хуыйджыты фабрикæ нæ республикæйы медицинон куыстуæттæн хъахъхъæнæн костюмтæ хуыттой лæвар. Фыбрикæйы разамынд куыд фæнысан кодта, афтæмæй кæддæриддæр сты цæттæ баххуыс кæнынмæ короновирусы инфекциимæ тохы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пандемийæйы рæстæг фабрикæ «Одежда» йæ куыст нæ баурæдта
Категория:
Новости и СМИ