Уазиты Хъазыбег журналисттæн радзырдта хъæуты райрæзты программæйы тыххæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

47 милуан сомæй фылдæр Цæгат Ирыстоны рахай кæндзысты хъæуты 26 хæдзары арæзтадæн. Уый къухы бафтыд «Хъæуты территориты райрæзты» программæйы фæлгæты. Ивгъуыд аз сæрмагонд программæйы руаджы къухы цы бафтыд, уыимæ ма фидæнмæ пълæнтты тыххæй журнæлисттæн радзырдта республикæйы хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег. Æмткæй райсгæйæ, программæйы райрæзтæн ацы аз рахай кæндзысты 650 милуан сомæй фылдæр. Хъæуты хæдзæртты арæзтадӕн уый у стыр хъомыс, цӕмӕй цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынӕн уа. Сæрмагонд программæйы руаджы Цæгат Ирыстоны арæзт цæуынц ахсджиаг социалон мадзæлттæ. Афтæмæй, республикæйы хъæуты цалцæггонд æрцыдысты тротуартæ, къанæуттæ, рухсдæттæн системæ. Уымæй уæлдай ма рацарæзтой дондзæуæн хæтæлтæ. Республикæйы бирæ хъæуты сты заууат уавæры. Ацы аз хæтæлтæ сног кæндзысты Майрӕмадаг æмæ Елхотты. Программæ «Хъæуты нырыккон хуыз»-ы руаджы фæнд кæнынц саразын æмæ сцалцæг кæнын, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уазиты Хъазыбег журналисттæн радзырдта хъæуты райрæзты программæйы тыххæй

Категория:

Новости и СМИ