1 æм сентябрæй наркотикты тестытæ скъоладзаутæн араздзысты ног хуызы
1-æм сентябрæй наркотикты тестытæ скъоладзаутæн араздзысты ног хуызы. Æнæзакъон буаргъæдты хыгъд аивта. Ныр наркотик туджы не ссаргæйæ, анализмæ дохтытры зæрдæ куы фехсайа, уæд сывæллоны арвитæн уыдзæн ногæй анализ раттынмæ. Тестыты хатдзæгтимæ зонгæ кæндзысты ныййарджыты дæр. Раздæр, 15 азы кæуыл сæххæст, ахæм æнахъом сывæллæтты анализтæ бар нæ уыд хæрз хæстæджытæн дæр æргом кæнын. Ивддзинæдтæ бахастой июлы кæрон Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы министрады бардзырдмæ гæсгæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæндзыстæм, тестытæ кæнынц барвæндæй 13-аздзыд хистæркъласонтæн. Тесты рæстæг сбæрæг кæнынц 9 наркотикы хуызы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
1 æм сентябрæй наркотикты тестытæ скъоладзаутæн араздзысты ног хуызы
Категория:
Новости и СМИ