Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ дæттынц иумæйаг фæлварæн æхсæнадзонынадæй
Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ дæттынц Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæн æхсæнадзонынадæй. Уый тыххæй Дзæуджыхъæуы байгом 18 сæрмагонд пункты. Сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæндзысты æндæр азты рауагъдонтæ дæр, уыимæ Хуссар Ирыстоны ахуырдзаутæ. Æдæппæтæй фæлварæн дæттынц 2 371 адæймаджы. Пунктты æххæст кæнынц санитарон домæнтæ. Фæсивæдæн барынц сæ тæвд, дæттынц сын медицинон маскæтæ æмæ æрмкъухтæ. Фæлварæн цæуы социалон дистанци æххæст кæнгæйæ. Паддзахадон фæлварæнмæ сæ хъус дарынц æхсæнадон кæсджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ дæттынц иумæйаг фæлварæн æхсæнадзонынадæй
Категория:
Новости и СМИ