Теннисæй турнир цæуы Дзæуджыхъæуы
Теннисæй турнир ацы бонты цæуы Дзæуджыхъæуы. Хуыздæр спорстментæ сæмбырд сты æппæт Цæгат Кавказæй. Хуыздæртæ сбæрæг уыдзысты хæстæгдæр бонты. Уæлахиздазутæ дарддæр архайдзысты æппæтуæрæсеон турниры. 7-æм июны ацæудзæн Хъазаны. Фылдæр хабæрттæ радзурдзæн Пелиты Сабинæ. Сафина Сорокина теннисы архайы 5-аздзыдæй нырмæ. Сывæллон ма куы уыд, уæд æй ныййарджытæ бакодтой ацы секцимæ. Йæ зæрдæмæ дзы фæцыд. Йæхиуыл кусы æвæллайгæйæ. Рамбылдта алыхуызон спортивон ерысты. Хиуыл кусын æнцон хъуыддаг нæу, зæгъы Сафина. Спортсментæ æдæппæттæй сты 50. Алчидæр сæ æрбамбырд кодта йæ тыхтæ. Сты Цæгат Кавказы хуыздæртæ. Уæрæсейы турнирмæ æппæт нæ бахаудзысты, фæлæ спортивон мадзалы аразджыты ныхæстæм гæсгæ, теннисы архайджытæ сты хорз цæттæгонд. Турнир аразджытæ зæгъынц, зæгъгæ, Дзæуджыхъæуы арæзт спортивон мадзал у иттæг хорз цæттæгонд. Уымæн стыр ахъаз фæци теннисы центр «Асгард». Кæронбæттæн хъæзтытæ ацæудзысты абон æмæ райсом. Теннисæй Уæрæсейы турнир та ацæудзæн 7 июны, Казаны. Пелиты Сабинæ, Рæмонты Олег, Ирыстоны Хабæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Теннисæй турнир цæуы Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ