Хуссар Ирыстонмæ куы рахизæм, уæд уым коронавирусы тæссаг низæй фæрынчын ноджы 4 адæймаджы
Хуссар Ирыстонмæ куы рахизæм, уæд уым коронавирусы тæссаг низæй фæрынчын ноджы 4 адæймаджы. Уыдон тест дæтгæйæ уыдысты карантины. Æрæджы иууылдæр æрæздæхтысты фæсарæнтæй. Коронавирус рабæрæг 2 хуссарирыстойнаг курсантмæ, уæзласæн хæдтулгæйы шофырмæ æмæ иу æфсæддонмæ. 6 майæ фæстæмæ, Хуссар Ирыстоны ковид рабæрæг 72 адæймагмæ. Абоны бонмæ инфекцион рынчындоны ис 36 пациенты. Уыдонæй 30-æй сты Уæрæсейы æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндæтты курсанттæ. 36 адæймаджы сдзæбæх сты æмæ сæ стационарæй рафыстой. Æдæппæттæй коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ раттой 1 900 адæймаджы. 269-мæ дохтыртæй цæуы сæрмагонд цæстдард. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстонмæ куы рахизæм, уæд уым коронавирусы тæссаг низæй фæрынчын ноджы 4 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ