Цæгат Ирыстоны ацыдысты «Нæртон хъæзтытæ»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны ацыдысты «Нæртон хъæзтытæ». Архайджытæ ерыс кæнынц къæпхæнгай. Фыццаг уал хæххон бынаты саразынц дугъ, уый фæстæ æхсын райдайынц алыхуызон дамбацатæй. Сæйрагдæр у сæрæндзинад равдисын. Мадзал аразджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй ацы хъæзтытæ пайда сты сыхаг регионтимæ хæлар ахастдзинæдтæ бабæттынæн. Ерысты архайынц республикæйы уазджытæ дæр. Цæттæ кæнынмæ 5 минуты æмæ командæ фæндагыл араст уыдзæн. Нысангонд ранмæ хъæуы цæуын 12 километры бæрц. Ахæм фæндаг ам алы ран нæй. Кæцыдæр рæтты та нæй æппындæр. Уæззау хæдтулгæ æнцонæй цæуы ацы ран, фæлæ ерысгæнджыты та хъæуы æппæт цæлхдурты сæрты ахизын. Сахаты фæстæ архайджытæ бахæццæ сты нысангонд бынатмæ. Ам сæм æнхъæлмæ кæсы ерысты тæрхонгæнæг. Сæрмагонд хыгъды хуыздæр разынд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студент Лианты Батрадз. 12 километры алыгъди 45 минутмæ. Командон хыгъды та рамбылдта Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты сылгоймæгты командæ. Цалынмæ ерысты архайджытæ иуылдæр финишмæ хæццæ кæнынц, уæдмæ сын цæттæ кæнынц хæринаг. Дзидза, компот, дзул - иуылдæр хæрзад. Цалынмæ хæринаг фыцы, уæдмæ ма архайджыты хъæуы ерысты ноджы иу къæпхæны бацархайын - æхстыты. Хъуамæ сæ арæхстдзинад равдисой дамбацаты 3 хузæй. Куыд дугъы уайыны, афтæ ам дæр нымад цæуынц командæты иумæйаг æнтыстдзинæдтæ. Нæртон хъæзтыты архайджыты `хсæн ис куыд æрыгæттæ, афтæ хистæр фæлтæры адæм дæр. Ерысты аразæг - республикæйы ДОСААФ-ы разамонæг Хъантемыраты Барис. Уый куыд фæнысан кодта, афтæмæй алкæйдæр фæнды равдисын йæ фæлтæрддзинад æмæ арæхстдзинад. Зилахары нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ. Ныртæккæ фадаттæ æндæр сты. Хъæзтытæн ацы бынат хуымæтæджы нæ равзæрстой. Хъантемыраты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм ерыстæ регионты `хсæн фидардæр кæнынц хæлар ахастдзинæдтæ. Хъæзтыты архайыц Стъарапъолы минæвæрттæ. Иннæ ерысты бацархайын кæй фæнды, уыдон та ноджы фылдæр сты. Иу хаттæй иннæ хаттмæ ерыстæ уыдзысты зындæр. Дугъы уайынæй æмæ æхстытæй дарддæр ма ерысдзаутæ хъуамæ сæхи фæлварой хæххон æууæлты архайынæй æмæ æрдзон уавæрты зайын. Дзæдзойты Фатимæ  _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны ацыдысты «Нæртон хъæзтытæ»

Категория:

Новости и СМИ