Куыстуат «Де Густо» йы стурвосы нымæц у 1100 сæры

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

Куыстуат «Де Густо»-йы стурвосы нымæц у мин сæрæй фылдæр. Æппынæдзух дзы фæллой кæны 50 адæймаджы. Уæдæ архайынц дзидзайы куыст кæнынæн дæр сæрмагонд бынат саразыныл. Ныртæккæ фылдæр кæнынц сæ фосы мыггаг. Ацы куыстуаты стурвосы нымæц у 1 мин æмæ 100 сæры. Галты дарынц дзидзайæн, хъуццыты та фосы нымæц фылдæр кæнынæн. Куыстуат «Де Густо»-йы ныртæккæ архайынц ацы куыст апарахат кæныныл. Фылдæр амал кæнынц Герефорд, зæгъгæ, мыггаг. Бидыхты Аслан, куыстуат «Де Густо»-йы фосдарыны комплексы разамонæг: «У англисаг мыггаг. Дунейы тынг парахат сты. Дарынц сæ дзидзайæн. Иу бонмæ йыл бафты 2 киллограммы бæрц. Нырма уал махæн сæ уæз бонмæ фæфылдæр вæййы иу киллограммæ ввахс, фæлæ нæ фæнды дунейы бæрæггæнæнтæ баййафын». Куыстуаты æппынæдзух фæллой кæны 50 адæймаджы. Бахъуаджы сахат кусджыты нымæц фæфылдæр вæййы. Ам ма фæзынд холладжы цех дæр. Уадзынц æй грануллæты. Экологон æгъдауæй у сыгъдæг. Уыимæ ма дзидза дæр рауайы хæрзаддæр. Бидыхты Аслан, куыстуат «Де Густо»-йы фосдарыны комплексы разамонæг: «Ацы холлаг кæнгæйæ хор сыгъдæг кæнынц бæрзонд температурæйы руаджы. Грануллæты холлаг вæййы, микотоксинтæ кæй хонынц, æнæ ахæм буаргъæдтæй. Уый тыххæй фосæн пайда у. Хуымæтæг холлагимæ абаргæйæ, грануллæтæ хæргæйæ, фысыл дзидза бафты 30% фылдæр». Ныртæккæ куыстуаты фæзынд родтæ. Фæнд кæнынц дарддæр дæр сæ райрæзтыл архайын. Бидыхты Аслан, куыстуат «Де Густо»-йы фосдарыны комплексы разамонæг: «Фæнды ма нæ нæ фермæйы фосы мыггаг кæм парахат кæндзыстæм ахæм куыстуат саразын. Уый тыххæй нæ хъæуы фосы нымæц фылдæр кæнын, стæй селекцийыл бакусын». Бацархайдзысты ма сæрмагонд бынат саразыныл дæр. Уым та кæндзысты дзидзайы куыст. Гугкаты Иринæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Куыстуат «Де Густо» йы стурвосы нымæц у 1100 сæры

Категория:

Новости и СМИ