Весенняя уынджы цæрджытæ зæрдæ дарынц, сæ фарстатæ иуварсгонд кæй æрцæудзысты, ууыл
Дзæуджыхъæуы Весенняя уынджы 19-æм хæдзар æмæ йæ фæз 30 азæй фылдæр цалцæггонд нæ уыдысты. Йæ кæрт бынтондæр ис æдзæллаг уавæры. Электрон тых дæттæг телтæ æрзæбул сты, фæндæгтæн уæлцъар схауд. Дондзæуæн хæтæлтæ дæр сты ивинаг. Цæрджытæ сæхи хъаруйæ базилынц, сцалцæг кæнынц хæдзарæн йæ алыварс, фæлæ бирæйы фаг не свæййы. Ацы хæдзар фыццаг хатт бабæрæг кодтам мартъийы. Ныр цыбыр рæстæг рæцæугæйæ ногæй абалц кодтам фенынмæ фарстатæй цы аиуварс кодтой, уый. Гæззаты Георгий ацы бæстыхайы æрбынат кодта 30 азы размæ. Уæдæй абоны онг хæдзар æмæ йæ алфамбылай бындуронæй цалцæггонд нæ уыдысты. Цæрджытæн сæ бон куыд у æмæ къух куыд амоны, афтæ хи хъарутæй базилынц сæ иумæйаг кæртмæ. Фæндæгтæн бирæ рæтты сæ асфальт схауд. Къæвдаты рæстæг кæрт донæй байдзаг вæййы суанг уæрджыты онг. Адæмæн куыстмæ рацæуæн нал вæййы. Дон пъадвæлттæм ныккæлы æмæ дзы хæфсытæ, кæлмытæ сбирæ сты. Цы электрон телтæ дзы ис, уыдон зæхмæ æрындзæвыдысты. Сывæллæттæн хъазæн фæз кæй нæй, уый тыххæй телтыл æрцауындзæг вæййынц. Хистæр кары адæм дæр уæгъд рæстæг кæм æрбадой æмæ кæм аулæфой, ахæм бынат нæй. Цæрджыты ма тыхсын кæны уый, æмæ рухсыты цæджындзтæй иу акъул, æмæ адæмæн йæ рæзты ацæуын дæр тæссаг у. Куыд зæгъынц, афтæмæй 3 азы дæргъы йæм йæ хъус ничи дары. Æрмæст ын баивтой йæ раздæры бынат æмæ йæ фæндагмæ хæстæгдæр æрсагътой. Сергей Сафонов, Дзæуджыхъæуы цæрæг: «Куыд уынæм, афтæмæй электрон тыхы телтæ адæмы дарынц тæссаг уавæры, уымæн æмæ рухсы цæджындз акъул. Куыд хистæртæ, афтæ сывæллæттæ дæр йæ рæзты цæуынц. Цалдæр хатты сæрмагонд уагдæттæм дæр бахатыдыстæм, фæлæ абоны онг æнхъæлмæ кæсæм æххуысмæ. Телтæ бахорз кæнын хъæуы, уымæн æмæ сæ бон у кæрæдзиуыл андзæвын æмæ зынгсирвæзт расайын». Уæдæ æнæхъæн дыууæ корпусæн ис æвæрд æрмæстдæр 4 бырондоны. Алчидæр йæ бырæттæ ардæм калы æмæ сæ дымгæ хæдзæртты размæ æрбахæссы. Алывæрсты быронæй байдзаг вæййы. Улæфæн бонты рæстæг та бырондæттæ бынтон æдзæллаг вæййынц. Хъæуы сæ фæфылдæр кæнын. Цалдæр мæйы размæ ам цы куыстытæм æвнæлд нæ уыд, уыдонæй фæндаджы уæлцъар ивын райдыдтой, фæлæ доны хæтæл уадзын кæй райдыдтæ, уый тыххæй цалынмæ ивд æрцæуа ногæй, уæдмæ куыстытæн кæронмæ фæуæн нæй. Дзæуджыхъæуы Весенняяйы уынджы 19-æм хæдзары цæрджытæ зæрдæ дарынц тагъд рæстæджы сæ фарстатæ иуварсгонд кæй æрцæудзысты, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Весенняя уынджы цæрджытæ зæрдæ дарынц, сæ фарстатæ иуварсгонд кæй æрцæудзысты, ууыл
Категория:
Новости и СМИ