Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ аиуварс кодтой тыхджын къæвдайы фæстиуджытæ
Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ аиуварс кодтой тыхджын къæвдайы фæстиуджытæ Дзæуджыхъæуы. Дымгæйы аххосæй Ватутины, Щорсы, Леваневскийы номыл уынгты бæлæстæ афæлдæхтысты. Тыхджын уарынтæн сæ фæстиуджытæ иуварсгæнæн куыстыты ацы уынгты архайдтой 7 адæймаджы æмæ техникæйы 2 иуæджы. Хуыцау хорз, æмæ адæмæй хъыгдард ничи баййæфта. Уыцы-иу рæстæг арвы дуар кæй фегом, уый аххосæй Дзæуджыхъæуы уынгтæ цæугæдæттæ фестадысты. Хæдтулгæты шофырты бахъуыд æдас бынæттæ агурын уæлуоз рæтты æмæ бæлæсты бын. Æрдз йæ тых бавзæрста æгас республикæйыл. Тыхджын дымгæ æнæ электрон тыхæй ныууагъта Кировы æмæ Мæздæджы районы хъæутæ. Кировы районы уал рухс радтой, фæлæ, зæгъæм, Мæздæджы æвæстиат службæтæ нырма ууыл архайынц. Уæвгæ та, æвзæр боныхъæд ахæсдзæн 25-æм маймæ. Синоптикты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, тæссаг у донивылдтытæ æмæ зæххы лæбырдтытæй. Уымæй гæсгæ алкæмæ дæр сидынц, цæмæй къæрцхъусдæр уой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ аиуварс кодтой тыхджын къæвдайы фæстиуджытæ
Категория:
Новости и СМИ