Адæмон фронт æркас ультурон нысаниуæгимæ цыртдзæвæнты уавæрмæ
Адæмон фронт сбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны культурон нысаниуæгимæ цыртдзæвæнты уавæр. Алы объекты реставраци дæр æххæстгонд æрцыд паддзахадон программæйы фæлгæты. Сæйраг æргом аздæхтой республикæйы рагондæр аргъуантæм. Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуанæн Хъесатыхъæуы бындур сæвæрдтой XI -æм æнусы æмæ йæ сног кодтой XIX-æм æнусы. Абон хъæугæ куыстытæ конд æрцыдысты. Ныр та хъæуы, цæмæй объект фæткмæ гæсгæ лæвæрд æрцæуа пайда кæнынмæ. Зруджы Мады Майрæмы аргъуаны та реставраци цæуы ныр дæр, фæлæ нысангонд 'мгъуыдæй чысыл фæстейы аззад. Куыстыты цыды фæлгæты фæзыны уæлæмхасæн хæстæ, рæстæг æмæ хицæн архайд чи домы, ахæмтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ аргъуан цы бынаты ис, стæй боныхъæд æвзарын кæнынц хицæн къуылымпыдзинæдтæ. Уæллаг Зæрæмæджы сыгъдæг Георгийы аргъуаны кой куы кæнæм, уæд уый рацарæзтой XIX-æм æнусы. Ныртæккæ хъæуы сбæрæг кæнын кæй бæрны уыдзæн æмæ йæм чи зилдзæн уыцы организаци, кæнæ хицæн адæймаг. Лисрийы та Мады Майрæмы аргъуаны хæстæг рæстæг райдайдзысты консервацийы куыстытæ, уый бахъахъхъæндзæн рагон бæстыхай, цæмæй дарддæр мауал пырх кæна. Специалисттæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй цæмæй аргъуан бындуронæй бахъахъхæной, уый тыххæй хъæуы алывæрсыг архайд.
Название:
Адæмон фронт æркас ультурон нысаниуæгимæ цыртдзæвæнты уавæрмæ
Категория:
Новости и СМИ