ЦИПУ йы ацыд наукон практикон конференци уæрæсе æмæ Ираны 'хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл
«От Фирдоуси до Пушкина» - ахæм наукон-практикон конференци ацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Æрдзырдтой дзы уырыссаг æвзаджы ахадындзинадыл Уæрæсæ æмæ Ираны 'хсæн ахастдзинæдты. Конференцийы раныхас кодтой нæ бæстæйы æмæ Ираны наукæйы раззагдæр кусджытæ. Уыдис дзы онлайн хуызы докладтӕ Тегеранæй дæр. Архайджытæм се 'ппæтмæ дæр ис наукон къæпхæнтæ филологон, историон æмæ педагогон къабæзты. Æмбырды уæнгтæ ма æркастысты уырыссагæй персайнаг æвзагмæ тæлмацы лыстæгдзинæдтæм дæр, стæй æвзаджы ахадындзинадмæ дыууæ бæстæйы культурон æмархайды фарстаты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
ЦИПУ йы ацыд наукон практикон конференци уæрæсе æмæ Ираны 'хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл
Категория:
Новости и СМИ