Ахæм хабæрттæ// 2022/ 14 марта
Æфсæддон операцийы рæстæг чи фæцæф, уыдоны дзæбæх кæнынц Цæгат Ирыстоны. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды рæстæг. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ноджы 40 сывæллоны Донбассæй райдыдтой Дзæуджыхъæуы дыууæ скъоламæ цæуын. Сарæзтой сын æппæт уавæртæ. Фыццаг бон ног скъолайы куыд ацыд уый тыххæй чысыл фæстæдæр. Ирон газет зæрдиагæй чи уарзы, уыдонæн - бæрæгбон. Газет «Рæстдзинад» абон бæрæг кæны йæ 95-æм азы юбилей. Æрвылбон нын нæ зæрдæтæ хорз хабæрттæй цы коллектив рæвдауы, уыдоны тыххæй радзурдзыстæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv