Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц у 893 адæймаджы
Тагъд æххуысы Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 428 пациенты. 98-мæ коронавирус сбæрæг кодтой. 27 рынчыны сты улæфæн аппаратты бын. Сывæллæтты Республикон Клиникон Рынчындоны инфекцион корпусы ис 21 сывæллоны æмæ карджын 14 адæймаджы. Коронавирус дзы рабæрæг кодтой 8 сывæллонмæ æмæ карджын 5 адæймагмæ. Реанимацийы ис дыууæ сывæллоны. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 513 адæймаджы. Референц-центры covid кæмæ сбæрæг кодтой уыдоны нымæц у 48 адæймаджы. 25-æй сты улæфæн аппаратты бын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц у 893 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ