Горæтгæрон районы парти «Иугонд Уæрæсе» йы проекты фæлгæты сцалцæг кодтой æхсæнадон бынæттæ
Æнцонвадат цард аразыны фæдыл федералон программæйы фæлгæты нæ республикæйы цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ æмæ бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Проект æххæст кæны парти «Иугонд Уæрæсе». Базилинаг бынæттæ æвзарынц адæм. Проекты руаджы базылдысты Горæтгæрон районы цалдæр æхсæнадон бынатмæ. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ æркаст проекты регионалон координатор Таймазты Артур. Фонтаны алфамблай ма сæвæрдтой бырондæттæ. Куыстытыл бахардз кодтой милуан сомæй фылдæр. Ныр бынат цæсты ахады. Хæрзæрæджы бындурон цалцæджы фæстæ байгом Октябрскæйы сæйраг фæз дæр. 50 азæй фылдæр бæстонæй нывылгонд нæ уыд. Раивтой дзы æппæт коммуникацитæ. Парчы фæзынд ног къахвæндæгтæ. Ныр парчы ис фæлладуадзæн зонæтæ алы кары адæмæн дæр. Уæлдайдæр ног уавæртыл цин кæнынц сывæллæттæ. Уыдонæн дзы сарæзтой сæрмагонд фæзуат хъеллаугæнæнтимæ. Ныр æдасæй æмæ хъæлдзæгæй фæзы æрвитынц сæ рæстæг. Бынæттæм базилын бантыст æнцонвадат цард парахат кæныны «Иугонд Уæрæсе»-йы программæйы фæлгæты. Æдæппæтæй Горæтгæрон районы сæрмагонд программæйы руаджы сцалцæг кодтой 2 æхсæнадон бынаты æмæ 7 бирæфатерон хæдзары кæрты. Куыд æххæстгонд æрцыдысты куыстытæ, уый сбæрæг кодта проекты регионалон координатор, паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур. Проекты фæлгæты республикæйы куыст цæуы 2017-ӕм азæй. Йæ райрæзтыл архайдзысты 5 азы. Цы бынæттæм хъæуы базилын, уый æвзарынц бынæттон цæрджытæ. Ацы аз проектыл бакусынæн республикæйæн радих кодтой 210 милуан сомæй фылдæр. Æдæппæтæй базилдзысты 127 кæртмæ æмæ 38 æхсæнадон бынатмæ. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Горæтгæрон районы парти «Иугонд Уæрæсе» йы проекты фæлгæты сцалцæг кодтой æхсæнадон бынæттæ
Категория:
Новости и СМИ