Абон бæрæг кæнынц географы бон
Абон бæрæг кæнынц географы бон. 18-æм августы 1845-æм азы арæзт æрцыд уырыссаг географион æхсæнад. Ацы бæрæгбон Уæрæсейы бæрæг кæндзысты фыццаг хатт. Уæрæсейы президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, географийы предметмæ ахуыргæнджытæ хуыздæр цæстдард хъуамæ здахой. Уырыссаг географион æхсæнад нымад у æппæты зæронддæрыл. 40 азæй фылдæр ЦИПУ-йы географион факультеты арæзт ис æхсæнад дæр. Ацы аз та ЦИПУ-йы географион факульеты студенттæ рамбылдтой грант дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон бæрæг кæнынц географы бон
Категория:
Новости и СМИ