Терчы цы нæлгоймаг фæдæлдон, уый агурынц 100 адæймагæй фылдæр Агурæн къордты нымæцыл бафтыд
Терчы цы нæлгоймаг фæдæлдон, уый агурынц сæдæ адæймагæй фылдæр. Агурæн къордты нымæцыл бафтыд. Ныртæккæ бынаты кусынц 113 специалисты æмæ сæрмагонд техникæйы 7 иуæджы. Ирвæзынгæнджытæн æххуыс кæнынц бархионтæ дæр. Сгарæн-агурæн мадзæлттæ цæуынц куыд донвæд, афтæ Терчы былгæрæтты дæр, суанг Кæсæг-Балхъары республикæйы арæнты онг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 25-æм июны райсомы 7 сахатыл Æнæнхъæлæджы цауты управленимæ æрбацыд хъусынгæнинаг Мæзджыты `рдыгæй нæлгоймаг Терчы фæдæлдон. Чи йæ федта, уыцы адæм æм æххуысмæ батагъд кодтой, фæлæ йæ доны уылæнтæ ахастой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Терчы цы нæлгоймаг фæдæлдон, уый агурынц 100 адæймагæй фылдæр Агурæн къордты нымæцыл бафтыд
Категория:
Новости и СМИ