Дзæуджыхъæуы уыд Оперативон штабы æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Дзæуджыхъæуы уыд Оперативон штабы æмбырд. Республикæйы сæргълæууæг видеобастдзинады фæрцы ныхас кодта Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады кусджытимæ. Министры хæдивæг Цгъойты Светланæйы ныхæстæм гæсгæ нæ республикæйы фыццаг хатт сарæзтой салд плазмæйы процедурæ. Æппæтдунеон практикæ куыд амоны, афтæмæй уыцы процедурæйы хъомыс ног коронавирусы инфекцийы ныхмæ у ахадгæ. Ныртæккæ æлхæнынц хъæугæ кусæнгарз æмæ аразынц плазмотерапийæ кæнынæн цæттæгæнæн куыстытæ. Битарты Вячеслав бауайдзæф кодта тагъд æххуысы станцæйы кусджытæм. Йæхæдæг федта уавæр æмæ сбæрæг кодта дохтырты æххуысмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, адæм хуымæтæджы кæй нæ хъаст кæнынц, уый. Дзуапдæттæг разамонджытæ сæ архайд куыд æмбæлы афтæ куы нæ аразой, уæд бæрнон кусджытæ гæнæн ис æмæ сæ куысты бынæттæй фæхауой, бафиппайдта Битарты Вячеслав. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы уыд Оперативон штабы æмбырд

Категория:

Новости и СМИ