2 907 адæймаджы фæрынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Цæгат Ирыстоны ноджы 3 адæймаджы амард коронавирусы аххосæй. Æдæппæтæй covid-æй чи фæрынчын, уыдоны нымæц у 2 907. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 49 адæймаджы. 1 754 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтӕн медицинон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнынц дохтыртӕ. Лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы, рынчынтӕ хӕстӕг кӕимӕ ӕмбӕлыдысты ӕмӕ ныхас кӕимӕ кодтой, уыдонмӕ дӕр. Æдæппæтæй covid -ы аххосæй республикæйы фæмард 47 адæймаджы. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 1 214 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та - 6 628 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
2 907 адæймаджы фæрынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ