Алагиры 4 скъолайы байгом кодтой хъæбатыр Петр Гужвины номарæн фæйнæг
Абон Алагиры 4 скъолайы кæрт уыд бæрæгбонхуыз. Æрхъуыды дзы кодтой хъæбатыр Петр Гужвины ном. Сæнусон æй кæныны иумæйаг хъæппæрис разынд ахуырад æмæ наукæйы министрад, стæй Цæгат Ирыстоны арæнхъахъхъæнджыты управленимæ. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты районы хицауады æмæ скъолайы минæвæрттæ. Кæд скъолаты фæстаг дзæнгæрæг азæлыд, уæддæр ам хъомыладон куыст йæ бынаты нæ лæууы. Абон Алагиры 4 скъолайы кæрты кадджын уавæрты байгом кодтой хъæбатыр Петр Гужвины номарæн фæйнæг. Хъæбатыры ном сæнусон кæныны иумæйаг хъæппæрис разынд ахуырад æмæ наукæйы минстрад æмæ Цæгат Ирыстоны арæнхъахъæнджыты управленимæ.Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты районы хицауады æмæ скъолайы минæвæрттæ.1942 азы 21 ноябры Алагиры кæстæр лейтенант Петр Гужвин хуссарныгуылæн хайы цы хъæбатырдзинад равдыста, уый никуы ферох уыдзæн Алагиры районы цæрджытæй. Кадджын бæрæгбоны фæлгæты скъолайы æвдæм къласы ахуырдзаутæ 18-æй систы «Арæнхъахъæнджыты æвзонг хæлæрттæ». Балæвар сын кодтой цъæх худтæ. Фæткмæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ ард дæр бахордтой. Сæ цин, сæ æхсызгондзинад æрыгæттæ не`мбæхстой. Зæрдæтæ бавæрдтой, бæрнонæй кæй æххæст кæндзысты сæ хæстæ æмæ алы хъуыддаджы дæр кæй уыдзысты фæзминаг. Бæрæгбон æрбангом кодта алы кары адæмы дæр: иуылдæр архайдтой уазджытæм сæ цæстуарзон æмæ хъæлдзæг зæрдæйы уаг равдисыныл. Мадзал кафт-зардæй дæр æххæст уыд. Хъыгагæн, Петр Гужвины сгуыхтдзинады тыххæй бирæтæ ницы зыдтой бирæ рæстæг. Кæд æмæ Петр Барбашов æмæ Матросовы нæмттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы сыгъзæрин дамгътæй фыст æрцыдысты, уæд Петр Гужвины ном та, цæмæдæр гæсгæ, рохуаты аззад. Фæлæ ам Алагиры районы цæрджытæй рох нæу, цъæу арвы бын абон æдасæй кæй фæрцы цæрынц, уый. Скъолайы кæрты ис Гужвины номыл цырт, ис дзы сæрмагондæй йæ номыл уынг. Алагиры Хетæгкаты Къостайы уынджы цы æфсымæрон ингæн ис, уый та цух нæ кæны сырх-сырхид дидинджытæй. Уæдæ сывæллæттимæ абон цы хъомыладон куыст бакодтой, уый сын сæ зондахастыл дæр хорзырдæм сахаддзæн. Дзгойты Сергей йæхæдæг Хуымæллæджы схъомыл. Фæлæ Алагиры районæн дæр хъæппæрисджынтимæ иумæ хорздзинад ракæнынмæ батагъд кодта. Бафæндыд æй бацархайын ацы мемориалон фæйнæг ам æрфидар кæныныл. Йæхицæн æй стыр кадыл нымайы æмæ дзы цæстуарзонæй бацархайдта. Мадзал аразджытæ сæ куыстæй разыйæ баззадысты. Цы хъомыладон куыст кæнынц, уый пайдайаг æмæ цымыдисаг кæй у кæстæр фæлтæрæн, уымæн æвдисæн сты сæ æхсызгон мдбылхудт æмæ бæрнон цæстæнгас. Ахæм мадзæлттæ ма дарддæр дæр æххæстгонд цæудзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры 4 скъолайы байгом кодтой хъæбатыр Петр Гужвины номарæн фæйнæг
Категория:
Новости и СМИ