Беслæны ацы бонты цæуынц ерыстæ боксæй
Беслæны ацы бонты цæуынц ерыстæ боксæй. Хуыздæрты æвзарынц 2 кары спортсменты къордты `хсæн. Хистæртыл цæуы 15-16 азы, кæстæртыл та 13 æмæ 14-гай азтæ. Ацы хатт рамбулыныл архайынц 200 спортсменæй фылдæр. Сабаты, 23-æм январы, уыдзæн ерысты кæронбæттæн къæпхæн. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ сæмбырд кæндзысты Цæгат Ирыстоны иугонд командæ. Чи йæм бахауа, уыцы спортсментæ архайдзысты Цæгат Кавказы чемпионаты боксæй. Ерыстæ цæуынц æхгӕд хуызы, æнæниздзинады домæнтæ æххæстгæнгæйæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Беслæны ацы бонты цæуынц ерыстæ боксæй
Категория:
Новости и СМИ