Битарты Вячеслав фембæлд Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владиславимæ
Æрыдоны районы социалон æмæ экономикон рæзты фарстатыл Битарты Вячеслав æрныхас кодта районы сæргълæууæг Тотраты Владиславимæ. Уæлдай æргом аздæхтой паддзахадон программæтæм гæсгæ куыстмæ. Тотраты Владиславы ныхæстæм гæсгæ, 2020 районы бантыст æххæстæй проекттыл бакусын. Бындуронæй сцалцæг кодтой культурæйы хæдзæрттæ Хъæдгæрон æмæ Цымытийы. Уыимæ ма, республикон бюджеты фæрæзтæй снывыл кодтой Æрыдоны культурæйы хæдзар. Фыййаджыбыл æмæ Рассветы сарæзтой дыууæ фелсырон-акушерон пункты, Бæрæгъуыны та амбулатори. Регионалон программæйы æххуысæй сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кодтой районы 14 бинонтæ. Ацы азы райдианы 17 сидзæрæн радтой ног фатертæ. 2021 азы базилдзысты æхсæнадон фæзуæттæм, сцалцæг кæндзысты фæндæгтæ. Æрыдоны фæзындзæн спортивон комплекс. Йæ руаджы районы уыдзæн уавæртæ спортæй архайынæн æмæ спортивон мадзæлттæ аразынæн. Ныхас ма цыд, районы цæрджытимæ фембæлдты цы риссаг фарстатæ уыд, уыдоныл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владиславимæ
Категория:
Новости и СМИ