Республикæйы скъолаты райдиан кълæсты ахуырдзаутæ исынц лæвар тæвд хæринаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

Ахуырад æмæ наукæйы министрады кусы æвæстиатон бастдзинады номыр. Ныййарджытæн сæ бон æрбадзурын у тæвд хæринаджы фарстаты фæдыл. Бар сын ис сæ хъаст æмæ хъуыдытæ зæгъын. Ацы азæй фæстæмæ хъарм хæринаг снысан кодтой райдиан кълæсты ахуырдзаутæн. Скъоладзаутæн куыд æмæ цы хæрын кæнынц, уый æппынæдзух бæрæг кæны министрады разамонæг Людмилæ Башаринæ. Афтæ, разыйæ сабитæ баззайынц сихоры фæстæ. Алы бон дæр ног хæринаг. Хæринаггæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын æппæты æхсызгондæр вæййы сабитæ тæбæгъ куы раафтид кæнынц, уый. Кæд раздæр скъолайы сихоры хæрд кодтой льготæмæ гæсгæ, уæд ныр хъарм хæринаг æмбæлы райдиан кълæсты ахуырдзаутæ се "ппæтæн дæр. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уый ахуырадыл дæр хуыздæры "рдæм фæбæрæг уыдзæн. Ног домæнтæм республикæйы скъолатæ бæстонæй цæттæ кодтой. Хæрæндæттæ сцалцæг кодтой, сифтонг сæ кодтой хъæугæ кусæнгæрзтæй. Скъолаты хæринаг куыд цæттæ кæнынц, уымæ æппынæдзух йæ хъус дары республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæ. Бабæрæг кæны скъолатæ. Меню араздзысты сывæллæттæ фылдæр цы хæринаг бауарзой, уымæ гæсгæ. Людмилæ Башаринæ куыд зæгъы, афтæмæй ахсджиаг у ныййарджыты хъуыды базонын. Министр скъолаты разамонджытæн бабар кодта, цæмæй сæрмагонд къамисмæ ныййарджыты комитетæй минæвар снысан кæной. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы скъолаты райдиан кълæсты ахуырдзаутæ исынц лæвар тæвд хæринаг

Категория:

Новости и СМИ