Сау Барæджы Уастырджийы бæрæгбон сбæрæг кодтой Уæлладжыры комы цæрджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

Сау Барæджы Уастырджийы бæрæгбон сбæрæг кодтой Уæлладжыры комы цæрджытæ. Бызмæ хæстæг йæ номыл ис хъæды къох. Хъæуы цæрджытæ куыд дзурынц, сæ рагфыдæлты ныхæстыл æнцайгæйæ, афтæмæй уыцы къохы йæ бон бамбæхсын уыдис алы фыдгæнæгæн дæр. Иуæй-иу таурæгътæм гæсгæ Сау Барæджы къох уыдис фæрныджы дзуары бадæн дæр. Бызы хъæуы алы аз дæр Сау Барæджы номыл аразынц бæрæгбон. Ацы хатт дæр афтæ. Бутаты бинонтæ бæрæг кæнынц мыггыджы бæрæгбон. Хонынц æй Сау Барæджы Уастырджийы бæрæгбон. Бутаты мыггаджы хистæры ныхæстæм гæсгæ, Бызы хъæды йæ номыл цы къох ис, уым Сау Барæгæн баххуыс кодта Уастырджи. Кувæндоны сæрмæ - лæгæт. Рагфыдæлты таурæгътæм гæсгæ, уыцы ран æрбынат кодта Сау Барæг. Уыцы лæгæтмæ адæймагæн къах бæвæрæн дæр нæй. Дзуары лæгтæ куыд зæгъынц, афæмæй рагзаманты цаутæ æххæстæй не ’вдисынц Сау Барæджы равзæрд. Уыди мыггаджы дзуарыл нымад. Сау Барæг абырджытæм æмæ къæрныхтæм кæй ницы бар дары, уый тыххæй зæгъынц наукон кусджытæ дæр. Дзуары æгъдæуттæ фехалынмæ чи хъавыд, ахæмтæ дæр разынд. Сау Барæджы лæгæтмæ æрæджы схизынмæ бахъавыдысты альпинисттæ æмæ, къæдзæхтыл бырынмæ чи арæхсы, уыдон. Къордæй хохрæбынмæ ссыдысты æмæ уым лæгæты документалон киноныв систой. Фæлæ, Сау Барæджы лæгæтмæ цæуыны бар кæй нæй, уый тыххæй сын ничи загъта. Сæ ныхæстæм гæсгæ, дзуары лæгæтмæ се ’нæзонгæйæ кæй бахызтысты, уым фыдмийы хъуыды нæ уыд. Сæ рæдыдыл басастысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй альпинистты æмæ, къæдзæхтыл чи быры, уыдоны къорд ахæм балц рагæй фæнд кодтой. Ныхас кодтой Уналы хъæуы сæргълæууæгимæ дæр. Йæ бæрны ис Бызы хъæу дæр. Бутаты мыггаджы хъуыдымæ гæсгæ, ахæм цаутæ хъуамæ бæрæгбоныл æвзæры ’рдæм ма ахадой. Ныртæккæ ма ахсджиаг у, цæмæй адæм фæткæвæрдтæ æмæ æгъдæуттæ зоной æмæ фидæны ахæм рæдыдтытæ ма кæной. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сау Барæджы Уастырджийы бæрæгбон сбæрæг кодтой Уæлладжыры комы цæрджытæ

Категория:

Новости и СМИ