Цæгат Ирыстоны райдыдтой мысæн æмæ номарæн бонтæ
Цæгат Ирыстоны райдыдтой мысæн æмæ номарæн бонтæ. 16 азы размæ Беслæны зындзинад дунейыл айхъуыст. Æвирхъау цау ахаста 334 уды, уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Теракты амæттæгты фæдыл Беслæны абон райдыдта æрвылазон «Мысæн Вахтæ». Трагедийы фæдыл мадзæлттæ ацы аз арæзт цæуынц эпидемиологон уавæр хынцгæйæ. Беслæны боны дæргъы куыста не сфæлдыстадон къорд. Райсомы 9 сахаты. Беслæны скъоламæ адæм бирæгæйттæй цæуынц. Дидинджытæ хæссынц, судзынц мыдадзын цырæгътæ. Лæууынц æдзæмæй. Ирыстоны адæм 16 азы размæ цы зындзинад бавзæрстой, уый сæ рох нæу æмæ никуы уыдзæн. Беслæны скъола бабæрæг кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Адæмы цæстытыл уайынц теракты судзаггаг цаутæ. Бирæтæн сæ цæстысыг æнæрлæугæйæ згъæлы. Фарон дæр æмæ ацы аз дæр 9 сахатыл æмæ 15 минутыл радтой дзæнгæрæг. Къултыл - теракты амæттæгты къамтæ: сывæллæттæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Залы астæу - стыр хъæдын дзуар. Ацы ран, йæ цуры, арæзт æрцыд теракты амæттæгты æрымысыны аргъуыд. Æрбацæуæг адæмы ’хсæн бирæтæ сты, нæ республикæмæ уазæгуаты чи æрцыд, ахæмтæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, телевизорæй цы уæззау цаутæ æвыдстой 16 азы размæ, уыдон адæммæ хъардой æмæ зæрдæтæ фæйнæрдæм рæмыгътой. Фæлæ Беслæны æрбалæугæйæ, скъолайы мидæг уыцы æркъарæнтæ бирæ арфдæр æмæ тыхджындæр сты. Адæймаг уæды æвирхъау уæззау цауты фæд цыма йæ буары алы хайæ дæр æнкъары, афтæ. Беслæны цауты 2004 азы фæмард 344 адæймаджы. Уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Ацы бонæн ферохгæнæн кæй нæй, уый Ирыстоны цæрджытæй алчидæр зоны æмæ æмбары. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны райдыдтой мысæн æмæ номарæн бонтæ
Категория:
Новости и СМИ