Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнты ӕмгъуыдтӕ 2021 æм азмӕ мыхуыргонд ӕрцыдысты
Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнты ӕмгъуыдтӕ 2021-æм азмӕ мыхуыргонд ӕрцыдысты. Пъланмӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнтӕ арӕзт цӕудзысты ӕртӕ къӕпхӕнӕй: ӕмгъуыдагъоммӕ - уыдзысты 22-ӕм мартъийӕ 16-ӕм апрелы онг, сӕйраг - 24-ӕм майӕ 1-ӕм июны онг, уӕлӕмхасӕн - 3-ӕм сентябрӕй 17-ӕм сентябры онг. Ӕмгъуыдагъоммӕ ӕмӕ сӕйраг фӕлварӕнтӕ райдайдзысты дӕттын географи, литературӕ ӕмӕ химийӕ. 2021-æм азы фӕлварӕнтӕм хаст ӕрцыд ногдзинӕдтӕ - рауагъдонтӕ информатикӕ ӕмӕ информацион-коммуникацион технологитӕй фӕлварӕн дӕтдзысты дыууӕ боны: 18-ӕм ӕмӕ 19-ӕм июны. Рауагъдонтӕй ӕнӕмӕнгдӕтгӕ фӕлварӕнӕй ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн чи райса, уыдонӕн фадат уыдзӕн ӕндӕр бон раттын. 9-ӕм къласы рауагъдонтӕн фӕнд кӕнынц паддзахадон сӕйраг фӕлварӕн саразын 3 къӕпхӕнӕй: ӕмгъуыдагъоммӕ - дӕтдзысты 20-ӕм апрелӕй-14-ӕм майы онг, сӕйраг - 21-ӕм майӕ 1-ӕм июны онг, уӕлӕмхасӕн - 3-ӕм сентябрӕй 22-ӕм сентябры онг. Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕны бацархайыны тыххӕй курдиат барвитӕн ис 1-ӕм февралы онг. Сӕйраг паддзахадон фӕлварӕны та - 1-ӕм мартъийы онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнты ӕмгъуыдтӕ 2021 æм азмӕ мыхуыргонд ӕрцыдысты
Категория:
Новости и СМИ