Æрыдоны цæрæг йæ хæдзар саив кодта алыхуызон хуымæтæг æрдзон æрмæджытæй
Националон хуызы арæзт хæдзар. Æрыдоны цæрæг Бадриаты Мырзабег йæ хæдзар саив кæнынæн ссардта цымыдисаг фæрæзтæ. Хъæдæй конд æрмæджытæ, йæ куыстыты спайда кодта дуртæ, къодæхтæ, суанг ма газеттæй дӕр. Хæдзар йæхи цæстæй федта нæ уацхæссæг дæр. Ацы хæдзар дардæй бакæсгæйæ дӕр дисы 'фтауы. Йæ кулдуарыл бæрæг дарынц ирон бæгæныйы къус йæ фæйнæфарс сыкъатимӕ. Скодта сӕ хæдзары хистæр Бадриаты Мырзабег. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, йæ рагæй фæндыд хæдзар саив кæнын, фæлæ зынаргъ æрмæджытæ æлхæнын йæ къух нæ амыдта, ӕмӕ йæ куыстыты спайда кодта дуртæ, къодæхтæ, суанг ма газеттæй дӕр. Денджызы былæй та ракушкæтæ сластой, ӕмӕ сӕ спайда кодтой хæдзары æддаг бакаст саив кӕнынмӕ. Хъæдæрмæгимæ куысты сусæгдзинæдтæ йын раргом кодта йæ фыды фыд. Уый уыд хъæддæсны. Ныр хæдзары кӕрты бӕрӕг дарынц алыхуызон цымыдисаг хъӕдын дзауматæ: хъеллаугæнӕн, сусхъæдæй стъæлттæ æмæ бандæттæ, бӕласы къуыдыртæй конд тæрхæджытæ. Хæдзары мидӕг дӕр бирӕ хъӕдын дзауматӕ. Мырзабег куыд зæгъы, афтæмæй, иунæг тала дæр нæ бахъыгдæрдта, пайда кодта фæндаджы былгæрæтты цы къодæхтæ ардта, уыдонæй. Мырзаджы бинойнаг Майæ æмæ сæ чызг Дианæ дæр хъæдæрмæгыл алыхуызон нывæфтыдтæ кæнынц: сæхæдæг сӕ æрхъуыды кæнынц æмæ сын хӕдзары бынат ссарынц. Майæ кусгæ кæны, фӕлӕ йӕ уæгъд рæстæг та фæкæны газеттæй алыхуызон чыргъӕдтæ æмæ æндæр цымыдисаг дзаумæттæ. Архайы Мырзабеджы фырт дæр. Йӕ фæрцы хæдзары фæзынд алыхуызон люстрæтæ, йæхæдæг сæ æрхъуыды кæны, йæхæдæг сыл бакусы. Мырзабеджы хæдзары кой дæрдтыл айхъуыст. Уазæгцух нæ вæййы. Ӕцӕгӕлӕттӕ сӕм ӕрбацæуынц уынӕг. Вӕййынц сӕм сыхæгтæ дæр. Ӕппӕт дӕр зӕрдӕрухсӕй ацӕуынц. Æрмдӕсныйадӕй уæлдай ма Мырзабег кæны æхсæнадон куыст дæр. Лæууы Æрыдоны районы ветеранты советы сæргъы. Арæх феххуыс кæны скъолатæ æмæ рæвдауæндттæн. Йæ фӕрцы уыцы уагдæтты фæзыны аив рӕсугъд къуымтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны цæрæг йæ хæдзар саив кодта алыхуызон хуымæтæг æрдзон æрмæджытæй
Категория:
Новости и СМИ