Уæллаг Ларсы уадзæн пункт рацаразынвæнд кæнынц 2021-æй 2022 азты
Уæллаг Ларсы уадзæн пункт рацаразынвæнд кæнынц 2021-æй 2022 азты. Проектмæ гæсгæ фæфылдæр кæндзысты фæндæгты уадздзæгтæ, уыимæ уæззау хæдтулгæтæн æрлæууæнты нымæц дæр. Рацарæзты фæстæ иу суткæмæ уадздзысты 4 мин хæдтулгæмæ ввахс. Национ проект «Международная кооперация и экспорт»-ы фæлгæты проектон гæххæттытæ ныртæккæ сты сæйраг паддзахадон экспертон куыстуаты. Кæронбæттæн хатдзæг уыдзæн ацы мæйы кæрон. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уадзæн пункт Уæллаг Ларс гом кæны фæндаг Гуырдзыстонмæ. Уыцырдæм цæуынвæнд чи скæны, уыдон сæ фæндаг акæнынц Дзæуджыхъæуыл. 16 мартъийы фæндаг æхгæд æрцыд коронавирусы низы аххосæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæллаг Ларсы уадзæн пункт рацаразынвæнд кæнынц 2021-æй 2022 азты
Категория:
Новости и СМИ