Æнæнхъæлæд жы уавæрты управленийы кусджытæ Алагиры районы цæугæдæтты былгæрæтты сарæзтой рейд
Хинайæн æмгъуыд йæ тæмæны бацыд. Адæм арæх кæм фæулæфынц æмæ сыл æнæнхъæлæджы цаутæ кæм æрцæуынц, уыцы доны объекттæ бæрæг кæнынц Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрадты кусджытæ. Сæрмагонд рейд сарæзтой Алагиры районы дæр. Ногæй зæрдыл дарын кæнынц: хинайæн ис æрмæстдæр сæрмагондæй найынæн цы бынаттæ снысан кодтой, уым. Æдасдзинады фарстатæм та куыд фæндыйы цæстæй кæсын нæ хъæуы. Уымæн æмæ уый æнæниздзинадæн дæр æмæ цардæн дæр хæссы тасдзинад. Доны былгæрæтты улæфгæйæ æнæмæнг у æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын. Уыимæ зонын, адæймаджы донæй фервæзын кæнын æмæ йын фыццаг медицинон æххуыс бакæнын куыд хъæуы, уый. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ донуатты æдасдзинадмæ бæрнонæй кæсынц. Абон сбæрæг кодтой Алагиры улæфæн бынæтты уавæр. Сæрдыгон æнтæф бонтæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сæхиуыл æххæстæй æнкъарынц. Сæхи айсынц цæугæдæтты былгæрæттæм. Афтæмæй та сæ фылдæр хай æдасдзинады домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Хинайыны бар кæм ис, ахæм донуæттæ ныртæккæ нæ республикæйы сты æрмæст 5. Уыдонæй иу Майрæмададжы доны был. Ирвæзынгæнджыты ныхæстæм гæсгæ хинайæн æмгъуыды райдианæй фыдбылызы цаутæ æрцыдис Æрыдоны доны. Уымæн аххосаг - Зæрæмæджы гидроэлектростанцæйæ дон кæй рауадзынц, уый. Уый тыххæй Æрыдоны доны æмвæзад фæуæлдæр вæййы. Бирæты æвирхъау цаутæ нæ тасы не 'фтауынц. Хинайыны бар кæм нæй, уыцы бынæттæм куыд цыдысты, афтæ цæуынц. Найынмæ чи фæцæуы, уыдонæн сæйрагдæр вæййы хæстæгдæр цæугæдон ссарын. Суанг ма сæ ивар дæр нæ фендавы. Уымæ гæсгæ, æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрадты кусджытæ æппынæдзух бæрæг кæнынц былгæрæттæ. Адæм, сæ рæстæг æрвитгæйæ, арæх ферох кæнынц æдасдзинады домæнтæ. Афтæмæй, та доны цур æппынæдзух хъæуы къæрцхъус уæвын. Уæдæ хинайæн ис æрмæстдæр сæрмагондæй найынæн цы бынаттæ скодтой, уым. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv