Дзæуджыхъæуы Дзусты Ибрагимы номыл уынджы байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Дзусы-фырты номыл уынджы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ сæнусон кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтар Дзусты Ибрагимы ном. Ацы хæдзары цæрынц алы кары æмæ алыхуызон диныл хæст адæм. Фæлæ сæ баиу кодта иумæйаг хъуыддаг – сæ кæртмæ базилын æмæ рæзгæ фæлтæрæн истори ныууадзыны фæнд. Фарастуæладзыгон хæдзар æмæ фæндаджы ’хсæн ис æрмæстдæр тротуар. Ацы хæдзары цæрджытæ ам æрбынат кодтой æртын азы размæ. Уæдæй нырмæ дзы ницы ивддзинæдтæ æрцыд. Æрæджы сæм фæзынд хорз хъуыды – базылдысты сæ фæзуатмæ. Быгъуылты Хъазыбег йæхи хъарутæй сарæзта сквер. Ацы хорз фæнд æрбангом кодта сыхæгты дæр. Сæ руаджы дзы фæзынд фылдæр бæлæстæ, дидынджытæ. «Мах цæрæм, хъайтары ном цы уынг хæссы, уым». Ацы ныхæстимæ Быгъуылты Хъазыбег фæсидт йæ сыхæгтæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы юбилейы агъоммæ. Бесолты Вячеслав, Дзæуджыхъæуы цæрæг: «Зæгъын хъæуы уый, æмæ алы ран дæр вæййы ахæм адæм, иннæты дæр чи фæразæнгард кæны хорз хъуыддæгтæм. Ахæм адæммæ хауы Быгъуылты Хъазыбег. Ацы хъуыддаджы æрмæст хъæппæрис нæ равдыста, фæлæ ма фæзуатмæ базилыны хæс дæр йæхимæ райста. Æрыгон фæсивæд дæр æм фæкастысты». Дур æрластой хохæй. Сæвæрдтой йыл мемориалон фæйнæг. Фæнысан дзы кодтой Дзусты Ибрагимы царды фæндæгтæ. Ныр бирæ азты дæргъы ногарæзт сквер хъайтары ном хæсдзæн. Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ æрбацыдысты Дзусты Ибрагимы мемориалмæ. Радзырдтой сæ хъуыдытæ хæстоны тыххæй. Се скъола ацы хъайтары ном хæссы 2010 азæй нырмæ. Уый та сын у уæлдай æхсызгон. Дзусты Ибрагим Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдта 1942 азæй. Хæдтæхæгыл тахт 18654 хатты. Архайдта 1243 уæлдæфон тохы, Æрæппæрста 832 хæдтæхæджы. Хъайтары ном æнусмæ цæрдзæн адæмы зæрдæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Дзусты Ибрагимы номыл уынджы байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Категория:
Новости и СМИ