Æрыдоны район архайы конкурс «Лучшее подворье» йы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады райрæзтæн арӕзт цӕуынц æппæт мадзæлттæ дæр. Хицауады уæнгтæ нысан кæнынц сæрмагонд программæтæ. Ныридæгæн расидтысты конкурс «Лучшее подворье», зæгъгæ. Ис дзы 4 номинацийы. Мичурино æмæ Нартыхъæуы цæрджыты æнтыстдзинæдты тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Елойты Хъазыбеджы цæхæрадон хъæздыг у. Фæткъуы, кæрдо, чылауи, æхсынцъы, атъами. Алыхуызон бæлас дæр дзы зайы. Уымæй уæлдай халсарты алы хуызтæ дæр. Йæ чысылæй нырмæ уарзы зæххы куыст кæнын. Йæ хæдзар аразын райдыдта 1977 азы, алы дур дæр ам у йæхи къухæй æвæрд. Йæ кæрты фæлгонц дæр у рæсугъд арæзт -хæдзары дуармæ ис цъæх нæу, уым аивæй æрбынат кодтой бæлæстæ æмæ къутæртæ. Хъазыбег бирæ азты фæкуыста Мичурины хъæуы культурæйы хъæдзары хореографæй, ныр та йын дæтты разамынд. Фæззæджы райдианы нæ республикæйы расидтысты конкурс хуыздæр хи хæдзарад равзарынæн. Ис дзы 4 номинацийы: «хуыздæр цæхæрадон», «хуыздæр хи хæдзарад», «кæртыты аивгæнæн фæлгонц аразын» æмæ «сыгъзæрин къухтæ». Æрыдоны районы хъæуты цæрджытæ дзы архайынц æппæт номинациты дæр. Алы хъæуæй дæр дзы ис 10 архайæджы онг. Се `хсæн Бæрæгъуыны цæрæг Нартыхъты Хъазыбег дæр. Хъæуты администрацитæ сæ хъус дардтой конкурсы домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ. Алы хъæуы администраци дæр хаттдзæгтæ скодта æмæ снысан кодта уæлахиздзауты, схорзæхджын сæ кодтой сæрмагонд лæвæрттæй. Ныр уыдон ерысты архайынц районы къæпхæны. Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владислав куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм мадзæлттæ сты ахсджиаг. Æрыдоны районы администраци снысан кодта сæрмагонд къамис. Уыдон æрзылдзысты архайджытыл, æркæстысты сын сæ куыстытæм æмæ хæстæгдæр рæстæг сбæрæг кæндзысты уæлахиздзауты. Мадзалы сæйраг нысаниуæг у - цæмæй цæрджытæ лæмбынæгдæр кӕсой хæдзæртты уавæрмæ, сæ алфæмбылай рæсугъд кæной. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрыдоны район архайы конкурс «Лучшее подворье» йы

Категория:

Новости и СМИ