Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав фембæлд къофи-хæдтулгæты хицæуттимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Горæты уынгты цы къофи-хæдтулгæтæ ис, уыдон закъонмæ гæсгæ æвæрд сты, æви нæ? Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав фембæлд сæ хицæуттимæ. Æрдзырдтой сæ хæрзхъæддзинад æмæ æддаг бакасты тыххæй дæр. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой, къофи-хæдтулгæтæ фæндаггон змæлд кæм къуылымпы кæнынц, уыцы бынæттæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ фылдæр сты, æнæнхъæлæджы цаутæ æрцæуынæй тæссаг кæм у, ахæм рæтты. Милдзыхты Вячеслав ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæйрагдæр у цæрджытæн аггаг фадæттæ аразын. Уымæ гæсгæ, администрацийы сæргълæууæг æрыгон амалхъомтæн ныфс бавæрдта, сæ бизнес æхгæд кæй не 'рцæудзæн, уымæй. Экономикæйы управленийы сбæрæг кæндзысты къофи-хæдтулгæтæ æндæр ранмæ ахæссыны фадæттæ.  _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv