Сергей Меняйло фембæлд Цæгат Ирыстоны хъæууон-хæдзарады къабазы минæвæртимæ
Сергей Меняйло фембæлд республикæйы хъæууон-хæдзарады къабазы минæвæртимæ. Федта куыстуæттæй иу. Йæ уавæртæ æмæ гæнæнтæ. Æмбырды сæйраг нысан у алы хицæн куыстуаты риссагдæр фарстатæ рабæрæг кæнын æмæ сыл иумæйагæй бакусын. Монбельярд мыггагæй 1 мин 700 сæрæй фылдæр. Æхсыр бакусынц бынаты - заводы. Бонмæ 12 тоннæйæ фылдæр. Сергей Меняйло федта куыстуаты уавæртæ. Радзырдтой йын сæ гæнæнты тыххæй. «Мастер-Прайм. Березка» уадзы продукцийы 48 хуызы. Куыстуаты бындурыл фæнд кæнынц ног инвестицион проектыыл бакусын. Агрокомплексы дардзысты 1200 сæры. Проектмæ гæсгæ сараздзысты 4 фермæйы. Ифтонггонд уыдзысты нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Суанг ма роботтæй дæр. Алы фермæйы дæр бынат уыдзæн 250 сæрæн. Проект баххæст кæндзысты цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Фыццаг уал сараздзысты демо-фермæ. Куыстытæ райдайдзысыт ацы аз. Проекты дыккаг къæпхæн уыдзæн æхсыры куыстгæнæн æмæ цыхт уадзæн завод. Монбельярд мыггаджы хъуццыты æхсыр хъæбæр цыхт уадзынæн хорз у. Уыимæ ма, заводы арæзтады руаджы æхсырæй уæлдай цы аззайы, уымæй дæр дæр пайда кæндзысты. Куыстуаты генералон директор Беккуызарты Ларисæйы ныхæстæм гæсгæ, проектыл æххæстæй бакусынæн хъæуы федералон æмвæзадыл æххуыс. «Остров Аквакультуры», зæгъгæ, компани парахат кæны валер кæсаг. Сентябрмæ куыстуат кæронмæ бакусдзæн егъау проекты райрæзтыл. Йæ руаджы гæнæн уыдзæн Уæрæсейы валер кæсаг цас хъæуы, уымæн йæ 6 проценты уадзын. Фæлæ, уыцы бæрæггæнæнтæ фæфылдæр кæнæн ис 20 проценты онг. Сергей Меняйло фæнысан кодта, фарстамæ инвестицон советы æмбырды кæй æркæсдзысты. Проект хъæуы егъауыл банымайын. «Долина спаржи» куыстуат та фæлвары парахат цы халсартæ не сты, уыдон зайын кæныныл. Спаржæйы кондадыл уæрæхдæрæй кусынæн хъæуы фылдæр зæххы хай. Хъæууон хæдзарады къабазы минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ, регионы сæргълæууæджы цур хъæуы саразын сæрмагонд совет. Цæмæй риссаг фарстатæ комкоммæ æнцондæрæй райхалæн уа. Проекттæ баххæст кæнынæн амалхъом адæмæн стыр æххуыс кæны Уæрæсейы хъæууон хæдзарадон банк. Æмбырды кæронбæттæны Сергей Меняйло бахæс кодта æппæт фарстатыл дæр бакусын æмæ сыл инвестицион советы æмбырды æрныхас кæнын. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сергей Меняйло фембæлд Цæгат Ирыстоны хъæууон-хæдзарады къабазы минæвæртимæ
Категория:
Новости и СМИ