Цæгат Ирыстоны сбæлвырд кодтой, æртæ гыццыл гидроэлектрон станцæйы кæм араздзысты, уыцы бынæттæ
Цæгат Ирыстоны сбæлвырд кодтой, æртæ гыццыл гидроэлектрон станцæйы кæм араздзысты, уыцы бынæттæ. Объекттæ сфидар кæнынæн сарæзтой сæрмагонд кусæг къорд. Ныридæгæн эксперттæ басгæрстой бынæттæ. Æркастысты юридикон æмæ исбонады фарстатæм. Æртæ объекты дæр специалисттæ сфидар кодтой. Иу дзы сараздзысты Мæздæджы. Иннæ - Фыййагдоны. Æртыккаг станцæ, æппæты егъаудæр, фæзындзæн Æхсаумæ 'ввахс. Арæзтадон куыстытæ, баххæст кæндзысты РусГидро æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад. Гидроэлектростанцæты руаджы фæзындзæн 100 кусæн бынаты. Ног станцæты иумæйаг тых уыдзæн 17, 5 мВТ. Сæ руаджы хæххон хъæутæм электрон тых цæудзæн æнæ къуылымпытæй. Уыимæ ма, республикæйы районты туризмы рæзтæн дæр æрхæсдзæн стыр пайда. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы азы радианы кусын райдыдта Зæрæмæджы гидроэлеткростанцæ. Республикæйы станцæтæй у æппæты стырдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сбæлвырд кодтой, æртæ гыццыл гидроэлектрон станцæйы кæм араздзысты, уыцы бынæттæ
Категория:
Новости и СМИ