Сбæрæг сты дыууæ кандидаты нæмттæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ
Сбæрæг сты Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ кандидатты дыууæ номы. «Россети Цæгат Кавказ»-ы филиалы директоры хæдивæг Милдзыхты Вячеслав æмæ Æнæххæст барджын æхсæнад «Колос»-ы генералон директор Ходы Мæдинæ. Ацы кандидаттæ райстой æппæты фылдæр балтæ. Конкурсы къамис, йæ хыгъды 10 адæймаджы, афтæмæй æркаст 14 кадидатмæ - сты алы къабæзты минæвæрттæ. Ныр та уæлахиздзаутæм æркæсдзысты Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сессийы. Æмæ та уæд ногæй хъæлæсты руаджы равзардзысты горææты администрацийы сæргълæууæджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сбæрæг сты дыууæ кандидаты нæмттæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ
Категория:
Новости и СМИ