Сывæллæты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæн спектакль равдыстой
«Иугонд Уæрæсе»-йы партийы фарсхæцджытæ æмæ граждайнаг хъæппæристы Центры кусджытæ сарæзтой сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæн хæрзаудæн акци. Сабитæ бакастысты сывæллæтты æмæ фæсивæды паддзахадон театр «Саби»-йы спектакльмæ. Акци ацыд «Партия добрых дел» проекты фæлгæты. Театралон кусæндæттæ, сфæлдыстадон студитимæ аразынц дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Бирæсывæллонджын æмæ æххуысцух бинонтæн фадат ис аивады кусджытимæ фембæлын, уыимæ театрты æрмадзтæ фенын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сывæллæты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæн спектакль равдыстой
Категория:
Новости и СМИ